Перейти к содержимому

Текст песни Радик Гуларов — Цы канон ма хур

Исполнитель: Радик Гуларов Обновлено:

СУСÆГ УАРЗТ

Йæ сусæг зарæг фыййау дæуыл кæны,
Мæ уарзты сагъæс æрмæст дæумæ тырны.
{Цы кæнон, мæ хур, кæдмæ йæ ’мбæхсон?
Мæ зæрдæ риуы бынтондæр ныддур, гъей.} x2

Дæ дыууæ цæсты — мæйтæ ’мæ хуртæ, гъей.
Дæ сусæг уарзтæй зæрдæ ныммурта, гъей.
{Цы кæнон, мæ хур, кæдмæ йæ ’мбæхсон?
Мæ зæрдæ риуы бынтондæр ныддур, гъей.} x2

Фæлтау æй, чызгай, балвырд куы зонин, гъей.
Цы мын зæгъдзынæ мæ сусæг уарзтæн, гъей?
{Цы кæнон, мæ хур, кæдмæ йæ ’мбæхсон?
Мæ зæрдæ риуы бынтондæр ныддур, гъей.} x2

{Цы кæнон, мæ хур, кæдмæ йæ ’мбæхсон,
Мæ зæрдæ риуы бынтондæр ныддур, гъей.} x2

Текст добавил: Андрей Курышев

Похожие песни