Перейти к содержимому

Текст песни Gucmazon Inna — Fyn

Исполнитель: Gucmazon Inna Обновлено:

Раздæр мæ уыдтай дæ фыны,
Мæн хуыдтай дæ зарæг.
Иумæйаг уыдис нæ фæндаг,
Иумæйаг — нæ зæрдæ.

Мин фыстæджы, дам, мæ уарзтыл
Æз фыстон цыдæртæ.
Уыдонимæ дын æртахгай
Фервыстон мæ зæрдæ…

Раздæр-иу мæммæ бæлгæйæ
Стъалытæ нымадтай.
Ныр — дæ уарзт æндæр кæмæндæр
Ницæй арвыл радтай.

Ныр нæ иумæйаг дунейæ
Фесæфтам нæ сæртæ.
Басудз мын мæ фыстæджытæ —
Рарвит мын мæ зæрдæ.

Ферох кодтай уарзты зарæг —
Басастай дæ сомы…
Фæлæ æз уæддæр цæмæндæр
Ацы маст уромын.

Зонын æз: мæ амонд амæй
Нал уыдзæн æвзæрдæр.
Судзын дын дæ фыстæджытæ —
Рарвит мын мæ зæрдæ…


Текст добавил: Андрей Курышев