Перейти к содержимому

Текст песни Джигкаев Ахсар — Кæд дæ фæнды тæхын уæларвмæ

Исполнитель: Джигкаев Ахсар Обновлено:

Кæд дæ фæнды тæхын уæларвмæ,
Кæс æм уæд дардмæ
Æхсæв.
Кæд дæ фæнды цæуын дæлдзæхмæ,
Уæд кæс æхсæвмæ
Дзæбæх.

Кæд дæ фæнды цæрын нæ зæххыл —
Æрбад йæ æххыл...
Фæсудз.
Кæд дæ фæнды цæрын сыгъдæгæй —
Цæрæд фæздæгæй
Дæ уд.

Дæ зæрдæ кæд мыййаг нæ зары —
Кæн æй æвзалы,
Йе сæг.
Кæд рухс дæ зæрдæмæ нæ кæсы,
Уæд уарз ды хæфсы
Æцæг.

Токаты Алихан


Текст добавил: Андрей Курышев